Тея Ахвледиани æвæндаг-æрбайсæфтуæвджыты бинонты минæвæрттимæ фембæлдис
Паддзахадон министр Тея Ахвледиани æвæндаг-æрбайсæфтуæвджыты бинонты минæвæрттимæ фембæлд ауагъдта. Фембæлдыл афтæдæр уыд Гуырдзыстоны Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты (ICRC) делегацийы къухдариуæггæнæг Анн Монтавон.
Паддзахадон министры аппараты информацийæ, Тея Ахвледиани фæныхас кодта 1990-æм азтьы гарзджын архæйдтыты æмæ 2008 азы августы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæстиуæгæн, æвæндаг-æрбайсæфтуæвæг уæнгты бацагуырды программæйы нысаниуæгыл, куыд йæ дарддæр эффективондзинад сифтонг кæныны æмæ фæтаруæвæг уæнгты амонды æмæ бынат сбæрæг кæныны, афтæма азты дæргъы æнхъæлмæкасты æмæ æнæбæрæгдзинады уавæры уæвæг бинонты цæстæнгасæй.
Фембæлд хайад истой æвæндаг-æрбайсæфтуæвджыты бинонты минæвæрттæ Тбилисæй, Гурæй, Батумæй, Зугдидæй; афтæма Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитеты, паддзахадон уагдæтты минæвæрттæ æмæ хуынд æхсæнадæмон эксперттæ.