Тедо Гобеджишвилийы мæлæты хъуыддагыл ахæсттæн æфхæрды мадзалыл тæрхондон уынаффæ кæны
Исанийы зылды комиссийы сæрдары мæлæты хъуыддагыл ахст дыууæ уæнгы ныхмæ æфхæрды мадзалыл Тбилисы горæты тæрхондоны цæуы рабат.
Прокуратурæ Акаки Къобаладзе æмæ Акаки Хускивадзейæн ахст стæрхон кæнын домы. Зылынмæ лæвæрдты адвокаттæ дзурынц, цæмæй хъуыддаджы бæлвырдгæнæнтæ нæй, ис дзы æрмæст фæрссаг бæлвырдгæнæн.
Адвокат Диана Мартъиашвилийы фидиуæнæй, фæмардуæвæгы æмæ ахæстты æхсæн уыд хæларон æмæ хæстæгон ахастытæ æмæ фæнысангонд хъуыддагыл се рцахст у абсурдон.
Адвокаттæ афтæдæр райхуъсын кодтой, цæмæй ахæстты барадхъахъхъæнджытæ физикъонæй бафхæрдтой.
«Тыхмидзинад, тых бакæнын, гæртам банхъарын – цæвиттон Акаки Къобаладзейы хæдзарæй хæцæн нæмгуытæ систой. Процессуалон хæлдæй ацыд дзигул. Нæ нын уыдис фадат ацы джигулыл уыдаиккам. Ай у аразгæ аххосаг æмæ спекуляци. Мæ дæлæвджидимæ куы фембæлдтæн, абон йын йæ хæдон хъулæттæ уыд тугæй. Уый мын загъта цæмæй йæ рцахсты рæстæджы йæ физикъонæй базиан кодтой. Хъавæм уый тыххæй бахъаст кæнын, цæмæй фыдракæндыл райдайæт фæдагуырд» – райхуъсын кодта адвокат Диана Мартъиашвили.