Исаны зылды комиссийы сæрдары, мæлæты хъуыддагыл зылынмæ лæвæрдтæ, цъындыйы бæсты ссæрибар кодтой
Исаны зылды комиссийы сæрдары, мæлæты хъуыддагыл зылынмæ лæвæрдтæ, цъындыйы бæсты ссæрибар кодтой

Исаны зылды комиссийы  сæрдары, Тедо Гобеджишвилийы  мæлæты хъуыддагыл  зылынмæ лæвæрд  Акаки Хускивадзе æмæ Акаки  Къобаладзейы  тæрхонгæнæг  Кетеван  Джачъвадзейы   тæрхоныскуыдæй,  цъындыйы бæсты ссæрибар кодтой.

Тæрхонагъоммæ рабадтыл,  кæцы фараст сахат аххæссыд, сæрыфыццагæй  апдокаттæ  се сæрибар кæнын   æркуырдтой, альтернативæйæ та  тæрхонгæнæгæн  цъынды æмæ æндæр арæнгæнæг  амæлттæй спайдайы  куырдиат  бавдыстой.

Фæстагмæ цъындыйы  суммæ   тæрхонгæнæг  10  мин ларийæ сфидар кодта,  зылынмæ лæвæрдтæ  тæрхоны залæй   ссæрибар кодта æмæ  суммæ бафидын та 40  боны æмгъуыдмæ  бахæс кодта.  Уæлæмхас арæнгæнæг  амалæй  та  сын  фæтобæ кодта  бæстæйæ  ацыд.

Хускивадзе æмæ Къобаладзейы азымджын кодтой  къордонæй сыххæст тыхыбын баконд, æртъхъирæн æмæ  æгртамы банхъарын, афтæма хæцæн æрмæджыты æнæзакъононæй  бавæрд.

Оппозици та Хускивадзе æмæ  Къобаладзейы  нымайынц  политахæстгондтæй. Оппозицийы  цыппар сæйраг æркуырды  се ссæрибар кæныны фарста дæр уыд.