Теа Ахвледиани Гуырдзыстоны аккредитацигонд ИНО-йы организациты къухдариуæггæнджытимæ æмæ æндæр æхсæнадæмон организациты минæвæрттимæ фембæлд сарæзта
Теа Ахвледиани Гуырдзыстоны аккредитацигонд ИНО-йы организациты къухдариуæггæнджытимæ æмæ æндæр æхсæнадæмон организациты минæвæрттимæ фембæлд сарæзта

Бафидауыны æмæ æмбæстагон æмбарады фарстаты паддзахадон министр Теа Ахвледиани Гуырдзыстоны аккредитацигонд ИНО-йы организациты къухдариуæггæнджытимæ æмæ æндæр æхсæнадæмон организациты минæвæрттимæ фембæлд сарæзта.

Фембæлдыл фарсытæ æркастысты стратегион приоритеттæм æмæ æмгуыстады фидæны цæстæнгасмæ. Уымæй дарддæр ма дунеон организациты минæвæрттæ æрныхас кодтой Абхазы регионы реализацигонд æмæ цæугæ проекттыл, афтæ ма фидæны инициативæтыл.

Паддзахадон министр йæ хъус æрдардта бафидауыны æмæ æмгуыстады политикæйы реализацийы цæстæнгас æмæ нысантæм, кæцы, иуæрдыгæй, йæ нысан у конфликты зианбаййафæг цæрæг адæмыл тыхсын æмæ сæ социалон-экономикон уавæртæ фæхуыздæр кæнын, иннæрдыгæй та, æнæуи дихгонд æхсæнадты æхсæн иумæйаг интерестыл бындурæвæрд диалог фæарфдæр кæнын, æууæнкдзинад сног кæнын æмæ æмгуыстад.

Фæрстæ бадзырдтой æнгом æмархайд адарддæр кæныныл æмæ ноджы фæарфдæр кæныныл.

Уый фæдыл информаци бафидауын æмæ æмбæстагон æмбарады фарстаты паддзахадон министры аппарат парахат кæны.