Теа Ахвледиани Европæйы Советы адæймаджы барты комиссаримæ фембæлд сарæзта
Бафидауыны æмæ æмбæстагон æмбарады паддзахадон министр, Теа Ахвледиани, фембæлд сарæзта Европæйы Советы адæймаджы барты фæдыл комиссар Майкл О’Флаертимæ.
Паддзахадон министр банысан кодта Европæйы Советы фидар фарсылхæцындзинад Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн йæ дунеонæй нымад арæнты мидæг, афтæ дæр Генералон нымæрдары æрвылазон консолидацион хыгъдлæвæрдты нысаниуæг æмæ банысан кодта Европæйы Советы роль конфликты сабырадон æрбæстон кæныны, уый нымæцы бафидауын æмæ æмгуыстады фæрцы.
Майкл О’Флаертийы интересæн дзуаппæн, паддзахадон министр адæймаджы барты фæдыл къамисæгæн лæмбынæг базонгæ кодта Гуырдзыстоны оккупацигонд регионты адæймаджы барты æмæ гуманитарон уæззау уавæры æмæ цæугæ оккупацийы уæззау фæстиуджыты тыххæй.
Паддзахадон министр афтæ дæр фæныхас кодта бафидауыны æмæ æмгуыстады политикæйы приоритеттыл, йæ реализацийы прогрессыл æмæ фидæны цæстæнгастыл, кæцыты нысан у конфликтæй зианбаййафæг цæрджыты социалон-экономикон уавæртæ фæхуыздæр кæнын æмæ æрмæстдæр дихгонд æхсæнады æхсæн иумæйаг интерестыл бындурæвæрд диалог æмæ æууæнкдзинады арæзтад фæарфдæр кæнын.
Адæймагы барты комиссар бузныг расидтис паддзахадон министрæн æххæст информацийы раттыны тыххæй æмæ банысан кодта, цæмæй уый йæ рады сæрмагонд хъусдард аздахдзæн оккупацигонд регионты адæймагы барты уавæрмæ.
Фæрстæ бадзырдтой æнгом æмгуыстад дарддæр кæныныл.
Уый фæдыл информаци паддзахадон министры аппарат парахат кæны.