Тбилисы, Украинайы минæварады цур активисттæ, æнæхицауадон организациты минæвæрттæ, оппозицион партиты уæнгтæ æрымбырд сты æмæ Украинайæн солидарондзинад равдыстой.
Акцийы хайадисджытæ минæварады цур райтыгъдтой Украинайы тырысатæ, айзæлдис Украинайы гимн.
Акцийы хайадисджыты фидиуæнæй, уыцы фоныл, Украинамæ Уæрæсе куы æртхъирæн кæны, иттæг ахсджиаг у Украинаг адæм рахата Гуырдзыстонæй фарсхæцынад æмæ солидарондзинад. Акцийы хайадисджыты дзырдæй, уыдонæн зæгъгæ нæрайсгæ у Уæрæсейы агрессивон политикæ.
Афтæма, акцийы хайадисджытæ банысан кодтой. Цæмæй Гуырдзыстоны хицауад дæр хъуамæ сфиксир кæна дырыс позици, Украинайæн фарсхæцынæн æмæ бафауа Уæрæсейы агрессивон политикæ.
Минæварады цур æрымбырдуæвджыты нымæцы уыдысты Украинайы æмæ Белорусы æмбæстæгтæ дæр.