Тбилисы Сакребулойы уæнг Темур Горгадзейы æфхæрды хуызæй ахст снысан ис

Тбилисы Сакребулойы уæнг Темур Горгадзейы æфхæрды хуызæй ахст снысан ис

Фæлитойдзинады аххосагæй ахст, Тбилисы Сакребулойы уæнг, Темур Горгадзейæн æфхæрды хуыз ахст снысан ис.

Горæттон тæрхондоны хъуыдтаг абон уыд каст.

Адвокат 15 000 арийы бæрц ивар бафыст куырдта. Гиоргий Кумсишвилийы расидæнмæ гæсгæ, сакребулойы уæнг аххосагы нæ разы кæны. Йæ ныхасмæ гæсгæ,  Горгадзе бамбæхсын нæ хъавы æмæ ахсты æнæмæнгдзинад нæ уыд. Адвокаты расидæнмæ гæсгæ фæдагуырд аххосагы сбæлвырдæн бæлвырдгæнджытæ нæй.
Тбилисы Сакребулойы уæнг Темур Горгадзе гæртам райсты аххосагæй æрцахстой. ПÆК –ы антикорупцион агентады кусджытæ оперативон –фæдагуырдон архайдтыты фæстиуæг, гæртам райсты аххосагæй Тбилисы сакребулойы депутат Темур Горгадзейы æрцахстой. Уый фæдыл информаци ПÆК парахат кæны. ПÆК-ы информацимæ гæсгæ, фæдагуырд сбæлвырд кодта ,цæмæй Темур Горгадзе Гуырдызстоны æмбæстагы, йæ хæстæгы батæригъæды комисийы æххуысæй ахæстонæй æссæрибары бæсты , гæртамы хуызæй æркуырдта 7000 доллар. 2018-æм азы 28-æм февралы, Темур Горгадзе, снысангонд æмбæстагæй райста æхцайы æрдæг -3500 доллар цæй рæстæджы дæр уый ПÆК-ы антикорупцион агентады кусджытæ æрцахстой.