Тбилисы Сакребулойы уæнг Темур Горгадзе гæртам райсты аххосагæй æрцахстой
Тбилисы Сакребулойы уæнг Темур Горгадзе гæртам райсты аххосагæй æрцахстой

Тбилисы Сакребулойы уæнг Темур Горгадзе гæртам райсты аххосагæй æрцахстой. ПÆК –ы антикорупцион агентады кусджытæ оперативон –фæдагуырдон архайдтыты фæстиуæг, гæртам райсты аххосагæй Тбилисы сакребулойы депутат Темур Горгадзейы æрцахстой. Уый фæдыл информаци ПÆК парахат кæны. ПÆК-ы информацимæ гæсгæ, фæдагуырд сбæлвырд кодта ,цæмæй Темур Горгадзе Гуырдызстоны æмбæстагы, йæ хæстæгы батæригъæды комисийы æххуысæй ахæстонæй æссæрибары бæсты , гæртамы хуызæй æркуырдта 7000 доллар. 2018-æм азы 28-æм февралы, Темур Горгадзе, снысангонд æмбæстагæй райста æхцайы æрдæг -3500 доллар цæй рæстæджы дæр уый ПÆК-ы антикорупцион агентады кусджытæ æрцахстой.