Тбилисы, Руставы, Кутаисы, Зугдид æмæ  Ачъарайы  регионы,   университетты æмæ   профессион  ахуыргæнæндæтты  дистанцион   ахуыр уыдзæн
Тбилисы, Руставы, Кутаисы, Зугдид æмæ Ачъарайы регионы, университетты æмæ профессион ахуыргæнæндæтты дистанцион ахуыр уыдзæн

Тбилисы, Руставы, Кутаисы, Зугдид æмæ  Ачъарайы  регионы   университетты æмæ   профессион  ахуыргæнæндæтты  дистанцион   ахуыр уыдзæн.  Уый фæдыл  ахуырады министр   Михеил Чхенкели  координацион  советы рабадты фæстæ  фехъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   æввахс  фидæны  аскуыддзаг уыдзæн    бæрзонддæр æмæ  профессион ахуыргæнæндæтты  æнæдистанцион  ахуыры   фарста.

«Бæрзонддæр æмæ  профессион  ахуыргæнæндæтты  дистанцион ахуыр  уыдзæн  ацы  этапыл Тбилисы,  Руставы, Кутаисы æмæ Зугдиды.   Кæй зæгъын æй хъæуы, Ачъарайы дæр,  ахуыр  алы  æмвæзадыл у  дистанцион. Адаптацийы   процесмæ  гæсгæйæ,  университектты æмæ  профессион ахуыргæнæндæтты, æнæдистанцион ахуыр сног кæныны фарстаы фæдыл уынаффæ æввахс  фидæны уын фехъусын кæндзыстæм», – загъта ахуырады министр.