Тбилисы рæвдауæндæтты райдыдта ног  ахуыры  аз [фото]
Тбилисы рæвдауæндæтты райдыдта ног ахуыры аз [фото]

Тбилисы  рæвдауæндæтты  райдыдта   ахуырадон  афæдз.   Абон сæйраг горæты алы рæвдауæндон  сабитæн  ивхæрсæн   мадзæлттимæ амбæлдысты.

60 000-ы онг   сывæллоны  Тбилисы рæвдауæндæттæ райстой   ранæуæггонд  инфраструктурæимæ, афтæма ис уæлæмхас  сабидæттæ.  Уыдонæй  сæ иу  у   130-æм рæвдауæндон, кæцыйы  Тбилисы мэр Каха Каладзе  байгом кодта.

Каха Каладзе  рæвдауæндæтты фæткдæттæг агентады  къухдариуæггæнæгимæ иумæ,  Самгоры районы  №130  рæвдауæндон ног бæстыхайы  байгомы мадзалыл уыд æмæ  сывæллæттæн раарфæ кодта ног ахуырадон  аз райдайыны фæдыл.

Æввахс бонты Тбилисы  ноджы байгом уыдзæн   №125-æм  рæвдауæндоны бæстыхайы æмæ бынтон ног   №108-æм  рæвдауæндон.  Сабидæтты  бæстыхæйтты  параллелонæй,   сæрды  100-йæ фылдæр   рæвдауæндоны  ацыд  инфраструктурæ фæхуыздæры  куыстытæ, цæмæй  сывæллæттæ  ноджы хуыздæр  æмæ æдас уавæрты  райсой  скъола агъоммæ ахуыр.

Мадзалыл уыдысты Тбилисы мэры хæдивæг, районы  гамгебели  æмæ мажоритари депутат.