Тбилисы рæвдауæндæтты райдыдта ахуырадон афæдз. Абон сæйраг горæты алы рæвдауæндон сабитæн ивхæрсæн мадзæлттимæ амбæлдысты.
60 000-ы онг сывæллоны Тбилисы рæвдауæндæттæ райстой ранæуæггонд инфраструктурæимæ, афтæма ис уæлæмхас сабидæттæ. Уыдонæй сæ иу у 130-æм рæвдауæндон, кæцыйы Тбилисы мэр Каха Каладзе байгом кодта.
Каха Каладзе рæвдауæндæтты фæткдæттæг агентады къухдариуæггæнæгимæ иумæ, Самгоры районы №130 рæвдауæндон ног бæстыхайы байгомы мадзалыл уыд æмæ сывæллæттæн раарфæ кодта ног ахуырадон аз райдайыны фæдыл.
Æввахс бонты Тбилисы ноджы байгом уыдзæн №125-æм рæвдауæндоны бæстыхайы æмæ бынтон ног №108-æм рæвдауæндон. Сабидæтты бæстыхæйтты параллелонæй, сæрды 100-йæ фылдæр рæвдауæндоны ацыд инфраструктурæ фæхуыздæры куыстытæ, цæмæй сывæллæттæ ноджы хуыздæр æмæ æдас уавæрты райсой скъола агъоммæ ахуыр.
Мадзалыл уыдысты Тбилисы мэры хæдивæг, районы гамгебели æмæ мажоритари депутат.