Тбилисы мэриа - Сæйраг сахары æмæ йæм æввахс территоритыл фæндæгтæ сыгъдæг кодтой ихуардæй æмæ техникон цæхх апырх кодтой
Тбилисы мэрийы информацийæ, Тбилисы æмæ йæм ввахс территориты уынгты фæндæгтæ æнæхъæн æхсæвы ихæй сыгъдæг кодтой. Сæ ныхæстæм гæсгæ, “Тбилсервис Групп”-ы кусджытæ æнæрлæугæйæ куыстой суткæйы дæргъы сæрмагонд кусæнгæрзтæй пайда кæнгæйæ.
«Сидæм уæм, фæндаггон змæлды фæкъуылымпыдзинады цауы, бадзурат «Тбилсервисы къорды» тæвд хаххмæ – 2 61 90 50 кæнæ та Тбилисы мэрийы тæвд хаххмæ – 2 72 22 22 æмæ æвæстиатæй дзуапп ратдзыстæм» – ис фыст Тбилисы мэрийы парахатгонд информацийы.