Тбилисы рæзынады фонд Сионы кафедралон аргъуаны реабилитацион проект райдайы – уый фæдыл муниципалон хицауады абоны рабадтыл Тбилисы мэр Каха Къаладзе расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, кафедралон аргъуан æмæ йæ дзæнгæрæг сты культурон бынты статус кæмæн ис, ахæм цыртдзæвæнтæ.
«Культурон бынтæ статусимæ цыртдзæвæнты уæвынад нæ горæтæн стыр хъæздыгдзинад у.Ацы здæхты мах сæххæст кодтам къорд нысаниуæгджын проект.Тбилисы рæзынады фонд ныр Сионы кафедралон аргъуаны реабилитацион проект райдайы», – расидтис Каха Къаладзе.
Сæйраг сахары мэры ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ октябры кæронмæ фæуыдзысты.
«Аргъуаны сæр æмæ дзæнгæрæджы ныртæккæйы уавæр у хъыгдард, уый тыххæй æрцæугæ къæвдатæ хъыгдарынц къултæ æмæ тас хæссынц аргъуаны фрескæтæн. Уымæ гæсгæ, аргъуаны ацы хайыл æххæстгонд æрцæудзæн реабилитаци» – нысангонд у Тбилисы мериайы хъусинагы.