Тбилисы мерий  социалонæй цыбыркъух студентты  финансдзинады  нысанæй, куырдиæтты райст райдаы
Тбилисы мерий социалонæй цыбыркъух студентты финансдзинады нысанæй, куырдиæтты райст райдаы

Тбилисы мериа  «Социалонæй цыбыркъух  æмæ  æнтыстджын  студенттæн æххуысы»   дæлпрограммæйы  фæлгæтты, фыццаг мартæй,  уалдзæджы  семестры   фидтоны  финансдзинадыл куырдиæтты исын райдайы.

Сæйраг сахары мерийы  информацийæ, дæлпрограммæйы  фæлгæтты,   Тбилисы   регистрацийы уагъд  социалонæй  æнæхъахъъæд  студенттæ  сфинанс уыдзысты, кæцыты  бинонты рейтингон баллтæ 70 000  кæнæ уымæй  къаддæр  сты æмæ  паддзахады  æрдгæй  авторизацигонд   хицæн æмæ паддзахадон  уæллаг ахуыргæнæндон уагдæтты  ахуыр кæнынц.

Курдиæттæ   цæугæ аз  апрелы  мæййæ  31 майы  банымадæй  исдзысты.  Æнæмæнгхъæугæ у,   куырдиат  æмæ   æфтауцæй   документаци  Тбилисы меримæ  сæхæдæг студенттæ бавдисой.  Финансдзинад райсынæн,  социалонæй цыбыркъух  студент  сахар Тбилисы  меримæ  хъуамæ бавдиса:

  • Удгоймаджы бæлвырдгæнæн ;
  • Социалонæй цыбыркъух бинонты иууон базæйæ рафыст;
  • Университетæй афæдзон  фидинагы бавдыстæй бæрæггæххæт;
  • Университеты лæвæрд академион  æнтысты  æвдисæг (1-аг семестры студенттæй цухæй)
  • 1-аг семестры  студенттæн  æнæмæнгхъæугæ у, иууон националон фæлварæнты райст баллты  æмæ фæстиуджыты фæдыл  бæрæггæххæт;
  • Рекомендаци уæлдæр ахуыргæнæндонæй (1-аг семестры студенттæй цухæй);
  • Мотивацион фыстæг.

Социалонæй  цыбыркъух   студенттæн  семестргай лæвæрд цæуы  565,5 лари,  æрмæст  бæрзонд академион æнтысындзинады   цауы та,   финансдзинад  70% кæнæ 100%  онг фæфылдæр уыдзæн.

2015-2017 азты, дæлпрограммæйы  фæлгæтты, 6500-ы онг  социалонæй  цыбыркъух  студентæн сфинанс ис  ахуыр. Цæугæ азы та,  йæ  бюджетæ ножды 200 000  ларийæ райрæзтис  æмæ æмткæйон  хыгъды   æссис  1 200 000 ларийы.