Тбилисы хæдтæхджыты хæйтты амалиуæг байгом (фото)
Тбилисы хæдтæхджыты хæйтты амалиуæг байгом (фото)

Гуырдзыстоны хæдтæхджыты хæйтты амалиуæг ATC (Aero-Structure Technologies Cyclone) байгом, кæцы Кавказы фыццаг у.

Амалиуæгы баконды официалон церемонийы Гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили, хицауад, парламент, бынæттон хицауад, дипломативон корпус æмæ бизнес сферайы бæрнонтæ истой хайад.

Официалон церемонийы фæлгæтты, премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили амалиуæгы сæйраг кусæнгарз скуысн кодта. Уый уазджытæм ныхасæй басидтис. Æрымбырдгондтæм афтæ дæр ныхасæй басидтис «Партнерон фонды» сæрдар Давид Саганелидзе.

«Бæстæйы функционирдзинад райдыта бæрзонд технологион, æппæтдунеон стандарттæм æввахс хæдтæхджыты хæйтты амалиуæг, кæцы гуырдзийаг продукцийæ дунейы авиаиндустрийы размæцæуæг компаниты сифтонг кæндзæн.

Сериозон сигнал у инвестортæн æмæ нысаниуæгджын фактор Гуырдзыстоны экономикайы авиабазарыл. Амалиуæгыл 90% кусдзысты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ» – банысан кодта Саганелидзе.

«Партнерон фонд» æмæ израилаг компани Elbit Cyclone-ы иумæйаг амалиуæг фыццаг продукци 2019-æм азы рауаддзæн.

«Партнерон фонд» æмæ израилаг компани Elbit Cyclone-ы иумæйаг проэкты инвестицион аргъ 93 милуан доллар у. Компанийы 80 онг кусæг ис. Амалиуæгы куысты йæ тыхмæ бацыды фæстæ та 300 адæймагæн уыдзæн лæвæрд куыстон бынæттæ.