Тбилисы Белорусы минæварады цур, белорусаг адæмимæ солидарондзинады акци ацыд.
Солидарондзинады акцийыл Беелорусы диаспорæйы минæыæрттæ националон тырысатимæ рацыдысты æмæ Лиетувæйы минæварадæй, Белорусы минæварады онг символонæй удæгас рæхыс сарызтой.
Акцийы хайадисджытæ Белорусы президентон æвзæрстыты фæстæ цæугæ процессты кой кодтой. Сæ ныхæстæм гæсгæ, зæгхгæ абоны перфоманс символонæй фæлхат кæны 1989 азы 23 августы Балтийы былгæрон ацæугæ сабырадон акци, цыран 2 милуаны онг адæймаг сарызтой удæгас рæхыс.
«Фыццаджы дæр у солидарондзинад белорусаг адæмимæ, кæцы абон тох кæны нæ бæсты дæр, цæмæй дунейы ацы хайы уа сæрибардзинад, адæймæгты хъизæмарæй ма марой æмæ сæ ма цæгъдой. Абон уыдон сты иттæг зын уавæры. Уымæй уæлдай ма, алчи иумæ, уыцы адæймæгтæ, уыцы адæмтæ чидæриддæр нæ фидауынц диктатурæимæ, тыхмидзинадимæ, æнæдемокративон хицаудзинадимæ, хъæрæй хъуамæ зæгъæм æмæ фехъусын кæнæм алкæмæн, цæмй æвзæрстытæ фæмæнг кæныны æмæ тыхмидзинады фæндагæй, хицаудзинад химæ ныууадзын гæнæн нæй» – райхъусын кодта «ЕвропагГуырдзыстоны» уæнг Элене Хоштариа.