Регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрады муниципалон рæзынады фонд Тбилисы æхсæнадæмон стандартон ихджын аренайы арæзтад фæцис.
Инфраструктурæйы министрады информацимæ гæсгæ, Тбилисы ихджын арена 2025-æм азы Европæйы зымæгон фæсивæдон олимпиадæйы фысым уыдзæн.
«Тбилисы уæлдæр æмвæзады ихджын аренæйы бæстыхайы арæзт æрцыд 60 метры 30 метры дæргъæн каток, трибунæтимæ 700 сценæмæкæсæджы онг».
Ихджын аренæ лæггад кæндзæн хоккей, фигурæтæ æмæ керлингы хуызтæн.
Сæрмагонд изоляцигонд пъолыл æмбæрзæнæй фæзы фадат уыдзæн сæрдыгон спорты хуызтæ æмæ æндæр мадзæлттæн (баскетбол, мини-футбол, гандбол æмæ æнд.) æнæ их тайынæй.
Ихджын аренæйы проект æмæ арæзтад райдыдта 2023 азы декабры, паддзахадон бюджетæй 29,2 милуан ларийæ финансгонд æрцыд.
Гуырдзыстон февралы мæйы Бакурианы, Тбилисы æмæ Батумы 2025-æм азы Европæйы зымæгон фæсивæдон фестивалы сфысым кæндзæн. «Фæсивæдон фестивалæн, регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрад афтæдæр фæцис биатлоны аренæйы арæзтад æмæ Бакурианы 3,5 километры дæргъæн лыжæтыл бырынæн трассæ», – ис фыст регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрады расидæны.
Ихы фæзы баконды Гуырдзыстоны премьер-министр, сæйраг сахары мэр æмæ хицауады уæнгтæ истой хайад.