Тбилисы аэропорты иуæй-иу бæлццоны инфекцион рынчындоны боксиргонд хайадмæ фæхæццæ кодтой
Инфекцион рынчындоны медицинон директоры Марина Эзугбаиайы информацийæ, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты, Женевæ-Стамбулы рейсæй абон æвзонг сылгоймаг æртахтис, кæцыйæн термоскринингы рæстæджы фæбæрæг ис бæрзонд тæвд.
Эзугбаиайы куырдиатæй, сылгоймаг зæгъгæ у Гуырдзыстоны æмбæстаг. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, уый куыста ахуыргæнæгæй Китайы Дуджан Яны провинийы, кæцы Уханæй 1000 км дæрццæг у. Эзугбаиа куыд дзуры афтæмæй, сылгоймаг уыцы тыгъдад куы ныууаг\ъдта, ног коронавирусы иунæг цау дæр нæ уыд уыцы афонмæ фиксиргонд. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ. Факт ног коронавирусы гæнæн цауыл нымад нæ цæуы.
Инфекцион рынччындоны боксиргонд хайады, ацы афонмæ æртæ пациент хуыссы. Дохтырты куырдиатæй, уыдон коронавирусы гæнæн цаутыл, симптомтæм гæсгæйæ нымад нæ цæуынц, фæлæ превенцийы нысанæй, æмбæлон басгрæст цæуынц. Сæ дыууæйы анализтæ ныридæгæн æрвыст сты Нидерландтæм. Дзуаппы, гуырдзиаг фарс дыццæджы, боны кæронмæ æнхъæлмæ кæсы.