Тбилисы æмæ Батумы  аэропортты  генералон менеджер  Гуырдзыстонмæ комкоммæ  тахтытæ  райдаыныл  ставддæр азийаг авиакомпанитимæ бадзырдтæ  уадзы
Тбилисы æмæ Батумы аэропортты генералон менеджер Гуырдзыстонмæ комкоммæ тахтытæ райдаыныл ставддæр азийаг авиакомпанитимæ бадзырдтæ уадзы

Тбилисы æмæ  Батумы  æхсæнадæмон  аэропортты  генералон менеджер  Гуырдзыстонмæ комкоммæ тахтытæ райдайын æмæ фидæнон  æмгуыстадыл   ставддæр азийаг  авиакомпанитимæ уадзы бадзырдтæ.   Тея Закарадзе  Малайзийы  уæвы, кæцы  авиацион сферæйы иуæй-иу масштабондæр форумæн – Routes Asia 2024  фысым кæны.

TAV Georgia-ы  пресскуысты  хъусинагæй,   конференцийы  хайад исынц   ставддæр авиакомпаниты, аэропортты, авиацион  хицæуæдты  æмæ  туризмы сферæйы фыццаг  уæнгтæ Дунейы   бирæ  бæстæтæй.  Мадзалы фæлгæтыт кастæуынц  куыд тематон  панелон дискусситæ, афтæ  аэропортты æмæ   авиакомпаниты лидерты дыууæфарсон   фембæлдтæ.

Форумы фæлгæтты  ног комкоммæ уæлдафон   æрдæмадты  райтынгыл   бадзырдтæ  цæуынц   Азийы регионы  лидер  æмæ цырд темпæй рæзгæ  авиакомпанитимæ, кæцыты  нымацы сты  : Japan Airlines, China Airlines, Beijing Capital Airlines, Air China æмæ Air Asia Group, кæцы  йæхи æрдгæй иу кæны  AirAsia, Air Asia India, Philippines Air Asia, Indonesia AirAsia æмæ Thai AirAsia-ы.

Афтæма уыдис фембæлдтæ Hainan Airlines-ы, Etihad Airways-ы, Thai Lion Air-ы, Tianjin Airlines-ы Malaysia Airlines Berhard-ы фыццаг уæнгтима æмæ Пекины аэропорты минæвæрттимæ.