Тбилисы æмæ Батумы аэропортты генералон менеджер Гуырдзыстонмæ комкоммæ тахтытæ райдаыныл ставддæр азийаг авиакомпанитимæ бадзырдтæ уадзы
Тбилисы æмæ Батумы æхсæнадæмон аэропортты генералон менеджер Гуырдзыстонмæ комкоммæ тахтытæ райдайын æмæ фидæнон æмгуыстадыл ставддæр азийаг авиакомпанитимæ уадзы бадзырдтæ. Тея Закарадзе Малайзийы уæвы, кæцы авиацион сферæйы иуæй-иу масштабондæр форумæн – Routes Asia 2024 фысым кæны.
TAV Georgia-ы пресскуысты хъусинагæй, конференцийы хайад исынц ставддæр авиакомпаниты, аэропортты, авиацион хицæуæдты æмæ туризмы сферæйы фыццаг уæнгтæ Дунейы бирæ бæстæтæй. Мадзалы фæлгæтыт кастæуынц куыд тематон панелон дискусситæ, афтæ аэропортты æмæ авиакомпаниты лидерты дыууæфарсон фембæлдтæ.
Форумы фæлгæтты ног комкоммæ уæлдафон æрдæмадты райтынгыл бадзырдтæ цæуынц Азийы регионы лидер æмæ цырд темпæй рæзгæ авиакомпанитимæ, кæцыты нымацы сты : Japan Airlines, China Airlines, Beijing Capital Airlines, Air China æмæ Air Asia Group, кæцы йæхи æрдгæй иу кæны AirAsia, Air Asia India, Philippines Air Asia, Indonesia AirAsia æмæ Thai AirAsia-ы.
Афтæма уыдис фембæлдтæ Hainan Airlines-ы, Etihad Airways-ы, Thai Lion Air-ы, Tianjin Airlines-ы Malaysia Airlines Berhard-ы фыццаг уæнгтима æмæ Пекины аэропорты минæвæрттимæ.