Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты кусын райдайы  Нидерландты бюджетон авиакомпани Transavia
Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты кусын райдайы Нидерландты бюджетон авиакомпани Transavia

Гуырдзыстоны базарыл  кусын райдайдзæн  Нидерландты паддзахады бюджетон авиакомпани  «Transavia». Авиакомпани тахтытæ  сыххæст кæндзæн Тбилисы æхсæнадæмон аэропортæй.

«Тав Джорджиайы» информацийæ, 2024 азы сæрды навигацион  сезоныл  авиакомпани Амстердам-Тбилис-Амстердамы æрдæмадæй, тæхдзæн.   Авиарейстæ 20 апрелæй   къуырийы мидæг  дыууæхатты,  æртыццæджы æмæ  сабаты  сыххæст уыдзысты.

Transavia Ниерландты Падзахады  номыр фыццаг  бюджетон   æмæ асæй  дыккаг авиаласæг  у.  «AIR FRANCE KLM» къорды уæнг компани  50  аз у Нидерландтæй 20-æй фылдæр бæстæйы 100-йæ фылдæр æрдæмадæй  тæхы æмæ йын æрвылазонæй фараст милуан бæлццон  вæййы.

Трансавиайæн ис авд  базæ. Авиакомпанийы уæлдæфон наутæ  лæууынц  Нидерландты Паддзахады, Францы æмæ Германийы  аэропортты.