«Тбилиси Прайды» ныхмæлæуджытæ парламенты раз оппозицийы фарсхæцджыты цатыртæ ныссæстой

«Тбилиси Прайды»   ныхмæлæуджытæ  парламенты раз  оппозицийы  фарсхæцджыты цатыртæ  ныддæрæн  кодтой.

Ультранационалистон  кордты  минæвæрттæ   9 апрелы паркæй парламенты æрдæм ахызтысты.

Акцийы  хайадисджыты  фидиуæнæй,   нæ бауадздзысты цæмæй  абон   намысы  марш ацæуа.

Ацы минутты парламенты раз «Тбилиси прайды»  ныхмæлæуджыты акци цæуы.