«Тбилиси Прайды» къуырионы фæлгæтты плангонд мадзæлттæм цæуынц дипломативон корпусы минæвæрттæ
«Тбилиси прайды» къуырионы фæлгæтты, плангонд мадзæлттæм цæуынц дипломативон корпусы минæвæрттæ.
Бынатыл барадхъахъъæнджытæ сарызтой специалон кæлидор, цæмæй мадзалы хайадисджытæн бацæуынæн проблемæтæ ма уа.
Уыимæ иумæ территорийы цур цы ран «Тбилиси прайды» къуырионы фæлгæтты плангонд у фильмы равдыст, периодонæй уавæр фæкарз вæййы.
Ультранационалистон кордты минæвæрттæ уыцы адæймæгты æрдæм, кæцытæ прайды къуыриониы флгæтты мадзæлттæм цæуынц, æхсынц рæвдуæттæ æмæ æвгтæ.
Бакой уын кæндзыстæм, пъæлицæй «Тбилиси прайды» ныхмæ чи сты уыдонæй цалдæр уæнгы территорийæ аддæмæ кодта.