«Тбилиси прайд» - фæнды нæ райхъусын кæнын, цæмæй намысы марш абон нал ацæудзæн
«Тбилиси прайды» номæй нæ фæнды райхъусын кæнын, цæмæй «намысы марш #солидарондзинадæн» абон нал цæудзæн, – уый фæдыл банысангонд у «Тбилиси прайды» фидиуæны.
Организаци Тбилисы уынгты абон айтынггонд фæзындты хæст расидтæй хоны æмбæстагон дзыллæйы, демократион аргъдзинæдты æмæ бæстæйы Европаг курсы ныхмæ.
«Абоны фæзындты тыххæй нын нæй уый æнхъæлц, цæмæй МХМ, адекватонæй сыххæст кæндзæн йæ хæстæ, уымæн æмæ уынæм, цæмæй ницы аразынц сæ цæсты раз цæугæ тыхмидзинады факттыл, фыдзæрдæдзинады егъау уылæн та, кæцыйы ацы тæккæ уынæм у растдæр хицауады æмæ патриархийæ рацæугæ æмæ цырынгонд.
Хъусын кæнæм æхсæнадæмон дзыллæмæ, оппозицион партитæм, æнæхицауадон организацитæм, фарсхæцджытæм æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтæм, дырысæй фæхицæн уæт бынтон антипаддзахадон æнархайды политикæйæ.
«Тбилисипрайды» номæй нæ фæнды райхъусын кæнын, цæмæй «намысы марш “солидарондзинадæн” абон нал ацæудзæн. Хицауад, пиар уæнгты æмæ нæ фарсхæцджыты æдадсзинад сифтонг кæныны бæсты, активон архæйдтæй нæ бахъыгдардта спайда кодтаиккам æмбырды барæй. Нæу нæ бон рацæуæм, хицауады, патриархийы æмæ проуырыссаг тыхты æххуысæй тыхгæнджытæй едзаг уынгтæм æмæ рискы бын бакæнæм адæймагæты цард!»,- банысангонд у фидиуæны.