Тбилис вакциниргонд  бæлццæттæн  хуыздæр  бæлццонон  æрдæмæдты рейтингы  фыццаг  бынат ахсы
Тбилис вакциниргонд бæлццæттæн хуыздæр бæлццонон æрдæмæдты рейтингы фыццаг бынат ахсы

Популярон порталтæй  сæ иу –  «Европæйы  сеппæтæй  хуыздæр  æрдæмæдæтæ» (European Best Destinations) публикаци кæны  уыцы горæтты   рейтингтæ,  кæцытæ  вакцинацигонд   бæлццæттæн  сеппæтæй хуыздæр  æрдæмæдтæ  сты балц кæнынæн.

Фæнысангонд рейтингы  (Best Destination for vaccinated travelers 2021) фыццаг бынат  ахсы Гуырдзыстоны  сæйраг горæт.  Тбилисæй  уæлдай ма, рейтингмæ хаст сты  ахæм туристон æрдæмæдтæ, цахæмдæр сты:  Коппенгаген, Кефалони, Севили, Афинæтæ, Стокгольм, Канары сакъадахтæ, Мадейрæ, Батум(4-æм бынат) æмæ æндæртæ.  Организаци афтæдæр  публикаци кæны   2021 азы  æдас балц кæнынæн  æрдæмæдты рейтинг, (Coronavirus – Safest Destinations to Visit in 2021), кæцыты æхсæн Тбилис 3-æм бынат ахсы.

«Кæд сымах  фестут культурæ, æрдзы, æнæниздзинады, гастрономион  бирæгъуызондзинады агурæг, кæнæ  шоппингмæ  популярон  туристон  æрдæмад агурæг, уæд Тбилис – гуырдзыстоны сæйраг горæт идеалон  у  2021 азы  улæфты рæстæг арвитынæн.  Цæмæн хъуамæ  ссарат Тбилис 2021-ы? Афтæ  куыд никуы, ныр зонæм, цæмæй  цардæй  æхцондзинад  хъуамæ райсæм  æмæ  нæй гæнæн,  рох цæмæн нæй  ахæм   балц  æргъæвын. Гуырдзыстон æмæ  сæрмагондæй та  Тбилис, сты традициондæр æмæ нырыккон дæр, космополитон, бирæэтникон, æцæгдæр уникалон  æмæ автентон. Гуырдзыстон æнæниздзинады æрдгæй  кризисæн  эффективон æмæ  инновацион  методтæй тынг цырд æмæ позитивон дзукапп ратта.  Куыддæр Covid-19-ы цаутæ  фæкъаддæр сты æмæ вакцинæ  рæувадат  ссис, бæстæ  карантины æмæ  уæлдай  тестты æркуырдæй цух,  вакцинацигонд бæлццæттæн йæ арæнтæ  байгом кодта» – банысангонд у  EBD—ы официалон веб-фарсыл.

Гуырдзыстонмæ  вакцинацигонд визитортæн   балц кæнын цæугæ азы фыццаг февралæй  у сæ  бон.