Тбилис ссис  Скандинавийы бæстæты туристон иугонды  уæнг
Тбилис ссис Скандинавийы бæстæты туристон иугонды уæнг

Тбилис, скандинавийы бæстæты  туристон   иугонд  – Nordic Tourism Collective уæнгæй ссис – уый тыххæй  инфорци хъусын кæны  Тбилисы мериа.

Сæ хъусинагмæ гæсгæйæ,   организацийы  уæнгтæн сæйраг горæты меры  хæдивæг  Андриа Басилаиа  абон,  вебинарыл  Тбилисы  туристон  потенциал  æмæ продукттæ  бавдыста.

«Туризм, сæйраг горæты  сеппæтæй  стыр æмæ тагъд рæзгæ  экономикон сектор у.  Тбилисы мериа  атиквон кусы  ацы æрдæмад рапарахат кæнынæн  æмæ баст уыдис  туризмы  сектор сæндидзын кæныны процессы, æндæр æмæ æндæр типы  кампаниты  хуызæй,  цахæмдæр сты:   семинартæ æмæ кусæн фембæлдтæ, туризмы  æмæ уыйимæ  комкоммæ кæнæ  фæрссаг баст  секторты  кусæг уæнгтæн;  уынджы  хæлцадон  фестиваль «Басгар  Тбилисы  уынгты»,  медиатуртæ æхсæнадæмон  бæлццонон журналистты, блогерты æмæ   «Инфлуенсертæн»  æмæ а.д. Уымæй  уæлдай, сфинанс ис  400-йы онг  хæлцадон объект, цæмæй  активон æмæ æнæкуылмпыйæ  араддæр кæной  кусын пандемийы фæстæ  периоды.  Вакцинацигонд  бæлццæттæн  Тбилис Европæйы 15 сеппæтæй хуыздæр   æрдæмадты  æхсæн фыццаг бынатыл ис  æмæ  цæттæ у  визиторты райса æмæ сифтонг кæна уыдонæн æдас уавæр æнæниздзинадхъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы регуляцитæ æмæ протокол хъахъхъæнгæйæ» –  фехъусын кодта Андриа Басилаиа.

Тбилисы мерийы информацийæ, Скандинавийы  бæстæты туристон  иугонды сæйраг куыст у  уæнгты æхсæн   æмгуыстад фæрафдæр кæнын, Б2Б   æмæ  промоцион малдзæлттæ, туристон  продуктты æмæ ресурсты  тыххæй  зонынад  сбæрзонддæр кæнын, ног продуктты  сæвзæрын æмæ баахъаз кæнын.

«Nordic Tourism Collective- ы уæнгæй уæвгæйæ  Тбилис автоматонæй  суыдзæн  иуæй-иу сеппæтиæй  стыр  Европаг туристон  ассоциаци  – «ETOA»-ы уæнг (European Tourism Association), кæцы æхсæнадæмон брендты, æрдæмадты  фæткдæттæг организациты, ставд туроператорты иу кæны æмæ ауды  æнæцудгæ  туризмы рапарахатыл  Европæйы  масштабæй. Nordic Tourism Collective æмæ ETOA-ы  уæнгтæ сты  ставд  туристон организацитæ Европæйы бæстæтæй, кæцы сæрмагондæй ахъаззаг уыдзæн  Тбилисы популяризацийæн Европæйы  нысанон базарты.

Цæугæ азы  сентябры ацæудзæн  онлайн  В2В  мадзал, кæцыйы фæлгæтты  æрцæудзæн  бынæтон æмæ  скандинавиаг  бæстæты туристон  компаниты кæрæдзийæн  бавдыст  æмæ уый нымæцы кусæн  ахастытæ сфидар кæнын.  Уымæй  уæлдай ма  2022 азæй  Тбилисы  скандинавиаг компаниты  инфо турты æмæ В2В  мадзæлтты организацидзинад планг кæны» – банысангонд у информацийы.