Тамар Хуллордава, Евроцæдисимæ ассоциацидзинады комитеты рабадты тыххæй
Гуырдзыстон æмæ Евроцæдис дарддæр кæнынц къуындæг æмгуыстад æмæ ацы æмгуыстад, кæй зæгъын æй хъæуы, дызæрдыг кæнинаг нæу, фæлæ тынг бæрзонд æркуырдтæ бавдыстам нæхицæн æмæ ацы домæнтæ сыххæст кæнын нæ бахъом стæм. Алцыппæт уйы разындис абоны рабадтыл, – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты хæдбар депутат, Тамар Хулордава, ассоиацидзинады комитеты зноны рабадты фæстæ медиимæ ныхасы рæстæджы загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ рабадтыл критикон аргълæвæрдтæ уыд сæрмагондæй демократийы æрдгæй.
Депутат комментари сарызта Гиги Угулавайы хъуыддаджы бацахуыргæнæг мисси саразыны инициативæйы тыххæй дæр, кæцыйæ «Гуырдзиаг Бæллицц» европарламентмæ баздæхт.
«Æвæццæгæн ис политикон фæнд, хицаугæнæг бал кæй айзæлын кодта ацы инициативæ, уый тыххæй. Ахæм контакттæ, фылдæр бастдзинад, позицитæ хуыздæр райхалын дзæбæх у, æрмæст дзы алцыппæт ныхасæй райхалæн нæй, уымæн æмæ ацы ныхæсты фæстæ та иу бахъæуынц конкретон къахдзæфтæ. Æвзæрстыты афæдз у, тынг тæвд период лæууы æмæ æнæмæнгхъæугæ сты конкретон къахдзæфтæ хицауады æрдгæй»,- райхъусын кодта Тамар Хулордава.
Гиги Угулавайы хъуыддаг бацахуыргæнæг миссийы саразыны инициативæйæ Европарламентмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» делегаци, сæрмгаондæй та, Каха Каладзе басидтис.
Фæстæдæр «Европаг Социалистты Парти» ахæлиу кодта куырдиат, кæцыйы мидæг банысангонд у, разы кæй у инициативæимæ, ома Гиги Угулавайы хуъыддаджы дарддæры равзарыны нысанæй, Гуырдзыстонмæ æрвыст æрцæудзæн европарламенты сæйраг политикон къордты минæвар парламентартæй фактыты бацахуыргæнæг мисси.