Тамар Габуниа - Вакцинацимæ дарддæрыкары къорд уыдзæн 55 аздзыдæй уæлдæр
Вакцинацийы фæдылдзог кары къорд уыдзæнис 55 аздзыдæй хистæрдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыййас фырхъæздыг не стæм, цæмæй вакцинæ, кæцы райсынæн æнæхъæн дуне фыдæбон кæны, афтæ нын баззайæт æмæ дзы ма спайда кæнæм, – уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды министры хæдивæг Тамар Габуниа фехъусын кодта.
Габуниайы дзырдæй, зæгъгæ ныллæг активондзинад цауы, регистраци сæ бон уыдзæн 55 азæй хистæрдæртæн дæр.
«Ныр куыддæр фендзыстæм, цæмæй активондзинад æгъгъæд бæрцæй бæрзонд нæу, афтæмæй регистраци байгом уыдзæн 55 азæй хистæрдæртæн дæр. Дунеон бæрæггæнæнтæ нын амонынц цæмæй цæрджыты 30 процент у уыцы нымæц, кæцыйы фæнды вакцинаци. Мах тынг ныллæг бæрæггæгнæныл стæм, фæлæ потенциал, цæмæй вакцинæтæй тагъд сфæлхас кæнæм, нырмадæр ис. Гæнæн ис 100 дозæ рауæлдай ма кæцыфæнды кары къорды номдзыд адæймæгтæн, уымæн та хъæуы дзæбæх сплан кæнын æмæ æхсæнады бастдзинад», – загъта Тамар Габуниа.