Тамар Чугошвилийы хъуыдымæ гæсгæ, сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидатты ныридæгæн бавдыст дæслæгон номхыгъдимæ парламент разы нæу
Парламенты фыццаг вице-спикер Тамар Чугошвилийы хъуыдымæ гæсгæ, сæйраг тæрхондоны тæрхонгæнджытæм кандидатты ныридæгæн бавдыст дæслæгон номхыгъдимæ парламент разы нæу.
Чугошвилийы дзырдæй закъондæттæн орган тæрхонгæнджытæм кандидатты фæдыл закъонмæ æмбæлон ивдтыты сæххæст кæныны фæстæ хъуамæ æруынаффæ кæна.
«Мæнмæ гæсгæ, бавдыст тæрхонгæнджыты номхыгъдимæ парламент разы нæу. Ахæм æнкъарæн мæм ис. Афтæ æнхъæлын цымæ фылдæртæ йæ ныхмæ сты ацы номхыгъдæн, куыд конкретон мыггæгты – афтæ уый тыххæй дæр, цæмæй цы формæйæ æрцыд ацы номхыгъды бавдыст парламентмæ, ног азы агъоммæ, æнæркæсгæйæ, хъæугæ дискусситæ æмæ уынаяффæтæ цухæй, æмæ расидтис дзыллæйы мæстыдзинад.
Не нхълæын цæмæй ацы номхыгъдмæ баздæхдзыстæм. Мæнмæ гæсгæ бынтон мауал хъуамæ фæуынаффæ кæнæм конкретон мыггæгты фæдыл, цалчнмæ парламент нæ райсдзæн æмбæлгæ закъон, алцыппæт не рфыссдзæн куы æмбæлы закъондæттынадмæ афтæ – уæдмæ» – райхъусын кодта парламенты фыццаг вице-спикер.