Тамар Чугошвили – Тугтæрхоны барады фыдракæнды нысæнттæ куы фæбæрæг вæййынц, уæд æндæр æмæ æндæр проекттæ иммунитетæй не суыдзысты иуæнг гоймагæн дæр
Бæрзонд стандартæй, æнæдызæрдыгæй тугтæрхоны барады фыдракæнды нысæнттæ куы фæбæрæг вæййынц, æмæ уый сбæлвырд кæны тæрхондон, уæд æндæр æмæ æндæр проекттæ иммунитет никуы бауыдзæн иунæг гоймагæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты вице-спикер, Тамар Чугошвили «ТВС Банкъы» бындурæвæрæгы Мамука Хазарадзейы æмæ Бадри Джапаридзейы фарстайыл комментарийы рæстæджы райхъусын кодта.
Тамар Чугошвили куыд банысан кодта афтæмæй, Анаклиайы порт нæ искæцы компанийы, консорциумы кæнæ искæцы хицæн гоймагы проект, ай у паддзахады тынг нысаниуæгджын стратегион проект.
«Анаклиайы проект у паддзахады закъаз, цæмæй райрæза бæстæйæн уадзынхъомад æмæ уымæ гæсгæйæ, транзиты фадæттæ, кæцы нæ экономикæйæн у нысаниуæгджын. Анаклиайы проекты фарстайы афтæ бавдисын цæвиттон уый у иу компанийы, кæнæ иу гоймагы, фæнды цалдæры дæр, гæнæн нæй. Ай у падздахадон проект æмæ паддзахад алы этапыл максималонæй архайдта, компанитæн сæ къух саразын, кæцытæ проекты æххæстгæнджытæ сты. Анаклиа никæй сæрмæмулкъ у.
Цыдæриддæр та конкретон тугтæрхоны барады фарстамæ æххæссы, кæцыйы уадзы прокуратурæ æмæ нырта ахызт тæрхонон системæмæ, ацы хъуыддагмæ гæсгæ, комментарийы саразын мын тынг зын уыдзæн, уымæн æмæ æз нæдæр прокуратурæйы минæвар дæр æмæ нæдæр тæрхондоны. Æз дæн парламенты уæнг, кæцыйæн конкретон тугтæрхоны барады хъуыддаджы тыххæй информаци рæувадат нæу, уый тыххæй дæр, ацы темæйыл ныхас мæ бон нæу. Бæрзонд стандартæй, æнæгуызавæйæ тугтæрхоны барады фыдракæнды нысæнттæ куы фæбæрæг вæййынц æмæ сæ тæрхондон куы сбæлвырд кæны, уæд æндæр æмæ æндæр проекттæ иммунитетæй не суыдзысты иунæг гоймагæн дæр. Кæд фыдракæнд сæххæст кодта æмæ гуырысхойаг нал у, уæд цыфæнды куыст нæ бауыдзæн иммунитет дæттæг», – райхъусын кодта Тамар Чугошвили.