Тæрхонгæнджытæ иумæйаг  сидт бакуыстой, кæцыйы  алы  фарсмæ  сидынц, тæрхонон системæйы дискредитацидзинадæй сæхи фæуромынмæ
Тæрхонгæнджытæ иумæйаг сидт бакуыстой, кæцыйы алы фарсмæ сидынц, тæрхонон системæйы дискредитацидзинадæй сæхи фæуромынмæ

Юстицийы бæрзонддæр советы  уæнг, Димитри Гвритишвилийы  фидиуæнæй,  тæрхонгæнджытæ  иуæмйаг сидт бакуыстой, кæцыйы  уыдон  алы фарсмæ  сидынц, тæрхонон системæйы дискредитацидзинадæй  хи фæуромынмæ.

Гвритишвили куыд хъусын кæны афтæмæй,   тæрхонон корпус  ноджы  иу хъатт сфиксир кодта  йæ  ъхуыды  уый фæдыл, цæмæй  статусмæ нæкæсгæ, макæмæ хъуамæ уа  бар  æмæ фадат  йæхи фæтъысса тæрхондоны хæдбарадмæ.

«Тæрхондон абон  у  хæдбар, раздæр куыд никуы  уыд  хæдбарады ахæм гъæдæй.  Сидты цыбыр мидис уый мидæг ис, цæмæй  тæрхонгæнджытæ  ноджы иу  хатт спротест кæндзыстæм уыцы дезинформацион кампани, кæцы цæуы  цыфæнды бæлвырдгæнæнтæй цух  æмæ кæцы здæхт у  тæрхонон хицауады  дискредитацимæ» – райхъусын кодта  Гвритишвили.

Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  алы субъектмæ æрсидтысты,  цæмæй  фæуромæт ультиматумæ æвзагыл ныхас кæнын æмæ тæрхонон хицауады  хæдбарадмæ  хитъыссын.

«Конкретон организацитæ æмæ  субъектты  кой  нæ  фидиуæны мидæг нæ кодтам, фæлæ фембæлдыл  раныхасгæнæг иуæй-иу  тæрхонгæнæджы   хъуыдыты, сæ  позициты  айзæлдис   ахæм субъектты нæмттæ.   Фæстагмæ  бакуыст тексты  конкретонæй   искæцы  субъект  банысангонд нæу.  Цалдæр тæрхонгæнæгæй  æмæ  тæрхонгæнджыты корпусы  хъуыдыйы, бæрæг куыд у афтæмæй  ис ахæм хъуыды дæр, цæмæй  нæ стратегион партнер бæстæты  минæвæртты архæйдтытæ не мбæлынц  демократон, рæстаг æмæ   суверенон паддзахалдимæ ахастыты  принциптæм.  Хатдзæгон хайы  ис цæттæдзинад  тæрхонон корпусæй, цæмæй  æмкуыст кæной  кæцыфæнды субъектимæ  кæцытыдæр реалонæй фæнды системæ æнæниз кæнын  æмæ  реформæтæ сыххæст кæнын» –   райхъусын кодта  Гвритишвили.