Тæрхонгæнæг Томоко Аканэ, кæцы Владимир Путины  æрцахсты ордер рафыста, тугтæрхоны барады æхсæнадæмон  тæрхондоны къухдариуæггæнæгæй  снысан ис
Тæрхонгæнæг Томоко Аканэ, кæцы Владимир Путины æрцахсты ордер рафыста, тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны къухдариуæггæнæгæй снысан ис

Тæрхонгæнæг, кæцы  Владимир Путины  æрцахсты фæдыл  ордер рафыста,   тугтæрхоны барады æхсæнадæмон  тæрхондоны  къухдариуæггæнæгæй  снысан ис.

Япойнаг  Томоко  Аканэйы   ацы постыл  2027 азы онг  сывзæрстой.

Аканэ  уыдис  уыцы æртæ  тæрхонгæнæгæй  сæ иу, чидæриддæр Уæрæсейы  президенты  Владимир Путины  æмæ Уæрæсейы  резидентсывæллæтты  барты  комиссары, Мария Львова-Беловайы  ныхмæ æрцахсты  ордертæ  рафыстой.

Бакой уын кæндзыстæм, Владимир Путины æмæ Мария Львова-Белова  нымæ,  æрцахсты ордер  тæрхондон  2023 азы марты  рафыста.   Томоко Аканэ ацы  постыл польшайаг  тæрхонгæнæгы, Пиотр Хофманскийы   фæивдта.