Тæрхондон  Гиорги Шакарашвилийы хъуыддагыл ахст  11  гоймагы æрдæм æфхæрды  мадзæлтты ногæй æркæсыны фарстайыл тæрхон кæны
Тæрхондон Гиорги Шакарашвилийы хъуыддагыл ахст 11 гоймагы æрдæм æфхæрды мадзæлтты ногæй æркæсыны фарстайыл тæрхон кæны

Мцхетайы районон   тæрхондоны,   Гиорги Шакарашвилийы хъуыддагыл ахст  11  гоймагы æрдæм æфхæрды  мадзæлтты ногæй æркæсыны  фарстайыл тæрхон кæнынц.

Прокуратурæ   домы  ахстæй  æфхæрды мадзал йæ тыхы  ныууадзын,  иргъæвæг фарс та  зылынмæ лæвæрдты  цъындыйы бæсты  ссæрибар кæнын куры.

Фæдагуырд  Гиорги Шакарашвилийы   барæй  марындзинады, къордон тыхмидзинады æмæ  уым хайады,  сæрибардзинад æнæзакъононæй  арæнкæныны  æмæ  тыхмидзинады  фактыл  цæуы.

Футболист  Гиорги Шакарашвилийы, ирвæзынгæнджытæ  цыппар бонон агуырды фæстæ  мардæй  ссардтой.

Футболист Гиорги Шакарашвилийы  мæлæты  хъуыддагыл  зылынмæ лæвæрд сты 17  гоймаг.  Къордон тызмидзинад æмæ  сæрибардзинад æнæзакъононæй  арæнкæныны  статиæй  ахст 17  уæнгæй,  æнахъомты  хъуыддаг  хицæнæй   каст цæуы.