Тæрхондон Бадри Джапаридзейæн аст мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста æмæ йын дыууæ азы дæргъы йын бæрзонд рангы бынат бацахсын фæтобæ кодта
Парламенты рæстæгмæ фæдæвзарæн комисы куырдиат нæ сæххæст кæныны тыххæй, Тбилисы горæтон тæрхондон «Лелойы» лидертæй сæ иуæн, Бадри Джапаридзейæн, аст мæйы ахæстоны фæбадын стæрхон кодта. Уымæн ма дыууæ азмæ йæ бынат ахсын нæ уыд.
Уый фæдыл æскъуыддзаг Тбилисы горæтон тæрхондоны тæрхонгæнæг цъус размæ расидтис. Байхъуыстмæ Джапаридзе нæ æрбацыд.
Бадри Джапаридзе Гуырдзыстоны парламенты рæстæгмæ фæдагурæн комисы рабадтмæ æмбарынгæнæнты тыххæй æрсидтысты 25-æм марты, цы ран нæ фæзынд. Уый аххосджынгонд æрцыд уголовон кодексы 349-æм статьямæ гæсгæ, кæцы «Гуырдзыстоны парламенты рæстæгмæ фæдагуырдон къамисы куырдиат нæ сæххæст кæныны тыххæй» дзырдæуы.
Тбилисы горæтон тæрхондон 5-æм апрелы превенцион мадзалæй Бадри Джапаридзейæн 50 000 ларийы æфсон снысан кодта, кæцыйы уый закъонæй снысангонд æмгъуыдмæ бафыста.
Уымæй дарддæр ма, «Лелойы» лидер Мамука Хазарадзейы тæрхон дæр абон рабæрæг ис. Афтæ дæр тæрхондон Хазарадзейæн аст мæйы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахаста æмæ дыууæ азы дæргъы йæ бынатмæ бацæуын нæ баурæдта.