Сывæллæтты онкологийы æхсæнадæмон бонмæ гæсгæ, Михаил Сарджвеладзе Иашвилийы сывæллæтты централон рынчындоны бабæрæг кодта
15 февралы у сывæллæтты ракы ныхмæ тохы æппæтадæмон бон. Ацы датæмæ гæсгæ, Иашвилийы сывæллæтты централон рынчындоны оккупацигонд территоритæй æрцæуæггæгты, фæллойы, æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъæды министр Михаил Сарджвеладзе бабæрæг кодта.
Михеил Сарджвеладзе онкологон диагнозæй иуæй-иу пациентæн, кæцы хос кæнын фæцис, йæ сдзæбæхдзинады фæдыл раарфæ кодта.
Сарджвеладзе æндæр бенефициарты дæр бабæрæг кодта æмæ бынатыл сæ хоскæныны процесс базыдта.
Æнæнизхъахъхъæды министр банысан кодта, цæмæй сывæллоны хуыздæр интерестæ хъахъхъæнын у министрады приоритет, æмæ уый тыххæй адарддæр уыдзысты æмæ дарддæр рæзын кæндзысты ахæм программæтæ, кæцытæ рынчынтæн хæрзхъæд медицинон лæггæдтæй пайда кæнын ифтонг кæнынц.