«Гуырдзиаг Бæллицц- Демокративон Гуырдзыстон» знон иуæй-иу теле-эфиры ацæугæ суссæг ныффыстытæм гæсгæ фидиуæн аразы.
Фидиуæны уын æнхъарæм æнæивгæйæ:
«Знон, иуæй-иу партион телеуынынады эфиры æхсæнад федта æмæ фехъуыста 2010-2011 азты æнæзаконон ныффыстыты гуырымыхъхъ фабрикаци. Публикацигонд фæмæнггонд ныхас у куыд минимум цалдæр мæйы дæргъы, дæсгай ныффыстытæй ист ныхæстæ æмæ фразæтæй. Ай у «Националон Змæлды» хицауады рæстæджы (Бидзина Иванишвилийы политикæмæ æрбацыды размæ) «куд»-ы (конституцион æдасдзинады департамент) дыууæ хисæрмагонд гоймагы æхсæн æнæзаконон ныффысты гуырымыхъхъ фабрикаци, кæцыйы иу æрдгæй лæууы хæрзаудæн фонд «Картуйы» президент Ираклий Гъарибашвили, иннæ рдгæй та, æнахъом Бера Иванишвили, фæлæ нæдæр ахæм ныффысты публикацийæ фефсæрмы кодтой. Уыдон, ныфссасты ахæм равдыстæй, ноджы фыддæр куынæг кæнынц сæхи, уымæн æмæ цивилон дунейы ахæм, советон №кагебейы» методтæй архайын абсолютонæй аморан æмæ нæрайсгæ у. Æнæзакъонон байхъусыт, цы ехъустай уый бавæрын, монтаж-фабрикаци, уымæй спайда кæнын, тыхмидзинад, марындзинад æмæ а.д. «Националон Змæлды» къухфыст у. «Гуырдзиаг Бæллицц» æмæ йæ лидерты тыххæй куы зæгъæм, уыдон ахæм методтæй нæ архайдтой нæдæр политикæмæ æрбацыды онг æмæ нæдæр политикæмæ æрбацыды фæстæ.
Ныффыстыты фабрикаци, бæрæг куыд у афтæмæй, устыр рæстæджы куысты фæстиугæн арызт, лæмбынæг монтажгонд æмæ «хъæугæ моментмæ» æвæрд. Дыууæ боны размæ публикацигонд æрцыд OSCE/ODIHR-ы кæронбæттæн æмæ тынг позитивон хтадзæг 2020 азы парламентон æвзæрстыты фæдыл. Ацы рæстæджы Европаг Советы президент Шаоль Мишель йæхимæ райста медиаторы роль, кæцы цæй зæгъын æй хъæуы æрдзон у, процессы деэскалацийы æмæ бадзырдты конструктивон режимы адарддæр кæныны гарантæй хъуамæ уыдаит. Бæрæг куыд у афтæмæй, растдæр ацы фактортæ æмæ бадзырдты фæкъуыхцыйы нысанæн, фæмæнггонд ныффыстыты публикаци скодтой. Радикалон оппозицийы фæнды ацы ныффыстытæй спайда кæнын бадзырдтыл нæзагъд ракæныны æфсонæн, æмæ уынæм цавæр ног кампани райдыдтой, кæцыйæн перспективæ иу хуымæтæг аххосы тххæй нæй – уый у гæдыдзинадыл æнцойæвæрд.
Сæ ахæм митæм нæкæсгæйæ, «Гуырдзиаг Бæллицц» нæй зæгъгæ никуы зæгъдзæнис конструктивон æмæ падзахадмæ æмблгæ уагахастыл. Уый тыххæй дæр, цæттæ стæм диалог адарддæр кæнын, кæцымæ нæм сидынц нæ æхсæнадæмон партнертæ» – дзырдæуы фидиуæны.