Сухум, Цхинвал - ныффыст Коппенгагены Гуырдзыстоны минæварады ног офисы дуарыл [фото,видео]

Гуырдзыстоны  минæварадæн Коппенгагены ис ног  офис.  Минæварад   уазджытæ  ног адрисмæ гæсгæ,  сахары  экономикон  центры,  Клавебод  Брюгейы  45 номыры  ссардзысты.

Зæронд бæстыхайæ хъауджыйæ,  ног тыгъдад   нырыккон   дизайнæй  æмæ  кусæн   уаттыл   гуырдзиагæвзагон фыстытæй    хицæн кæны.

Данийы паддзахады  æмæ Исландийы  Гуырдзыстоны  æххæсбарджын   минæвары  Гиги Гигиадзейы  ингициативæйæ,  минæварады  мидæг тыгъдады, алкæцы  дуарыл  Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр горæтты  нæмттæ сты фыст, кæцы  хъуыддаг цæй  зæгъын æй хъæуы у  символон.  Уæрæсейы   æрдгæй оккупацигонд   горæтты нæмттæ та  фыст сты  минæвары  куыстуаты   дуарыл.

Гиги Гигиадзейы  ныхæстæм  гæсгæ,   ай  у æрвитæггаг зæгъгæ,  ома Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады, химæ æруадзын у  хицауады  сæйраг приоритет.

Гуырдзыстоны минæварад  Коппенгагены  архайы 2006  азæй.  Минæварады æххæстбартæ  хæлиу кæнынц   куыд Данийы  паддзахадыл  афтæ Ирландийыл дæр.  2018 азы  минæварад  ахицæн кодта   офисы раивын уымæн  æмæ   раздæры бæстыхайы  нæ уыдис фадат уазджыты райсын.  Минæвары ныхæстæм гæсгæ,   ног тыгъдады  сырæздзæн   æндæр æмæ æндæр  культурон,  ахуырадон  амæлттæ,  равдыстытæ.

Мнæварады бæстыхайы официалонæй  сом,  фæсарæйнаг   хъуыддæгты министр, вице-премьер  Михеил Джанелидзе  байгом  кæндзæн.  Сырх  уаддзагы  алыг кæныны онг та, минæвар  ног бæстыхайы  фыццаг   хатт Фыццаг Къаналæн сфысым.