Стыр Британи гæнæн ис «Магнисткийы акты» æнгæс закъон райса

Стыр  Британи  гæнæн ис  «Магнисткийы  акты»  æнгæс  закъон  райса,   кæцыйы фæлгæтты, Уæрæсейы уыцы  бæрзонд гæстæ,  кæцытæн коррупци æмæ адæймаджы барты  æфхæрдимæ  ис исты цæдис, санкцитæ сбæлвырд кæной.  Информацийы уый тыххæй   хæлиу кæны  бритайнаг рауагъдад The Daily Telegraph.

Рауагъдады  хъусинагæй,    Стыр британийы  æддæ хъуыддæгты министр, Борис Джонсон æмæ мидхъуыддæгты  министр Эмбер  Радд,    «Магнитскийы  акты»   бритайнаг   аналогы   райст ныридæгæн  сразы кодтой.

The Daily Telegraph куыд   фыссы афтæмæй,   фæнысангонд   инициативæ, Стыр Британийы  нырма  ноджы уырыссаг  дзырдхæссæгы,  Сергей  Скрипалы  фæхъæстæйы онг  фæзынд. Закъоны райсынæн  йæ  фарс хæцы  Лейбористон  парти æмæ  Консерваторты стыр  хай.  Парламентар Ричард  Беньон  куыд райхъусын кодта афтæмæй, ахæм закъоны растæй, Стыр Бртани дырыс  сигнал æрвиты алкæмæн,  кæмæндæриддæр ис цæдис  адæймаджы барты æфхæрдимæ.

«Магнитскийы  акт»  архайы  АИШ-ы дæр.  Президент Барак Обама  документыл  къух  рафыста 2012 азы декабры.

«Сергей Магнитскийы акт» Уæрæсейы  бæрзонд гæсты  ныхмæ  санкциты  уагвæрæд дары йæ  хъуыдыйы,  сæрмагондæй та,   уыдоны ныхмæ, кæцытæ  бритайнаг  бартæхъахъхъæнæг  фонды Hermitage Capital Management-ы  юристы  Сергей Магнитскийы  мæлæтимæ  сты  баст.  Сергей Магнитский  2009 азы  ноябры  Мæскуыйы  фæдæвзарæг уагдоны амард.