Стыр Британи гæнæн ис Вэнесуэлайæн санкцитæ сфидар кæна. Ац ы фидиуæн премьер-министры минæвар сарызта. Информацийы хъусын кæны агентад «Ройтерс».
«Вэнесуэлайы адæм хуыздæр фидæны акккаг сты. Тынг бирæ фыдбонтæ бавзæрстой, Мадуройы режим бынхафт хъуамæ æрцæуа. Афон æрцыд ацы бæстæйы уагъд æрцæуой гом æмæ рухсдзыд æвзæрстытæ» – райхъусын кодта Британийы премьер-министры минæвар.
АБон Хуан Гуаидойы, Вэнесуэлайы президенты хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгыл, Евроцæдисы паддзахадтæ официалонæй банымадтой.