Стыр Британи авд уæнгы, сæ нымæцы уырыссаг миллиардер Роман Абрамовичы ныхмæ, санкцитæ сфидар кодта
Стыр Британи уырыссаг миллиардер, Роман Абрамовичы ныхмæ санкцитæ сфидар кодта. «ВВС» куыд фыссы афтæмæй. Роман Абрамович сæ иу у, уыцы авд уæнгы æхсæн, кæцыты Стыр Британи бахаста «Сау номхыгъдмæ».
Британийы къазнайы публикацигонд документы Абрамовичы схуыдтой прокремлаг олигархы, кæцытæн ис æнгом контакт Уæрæсейы президент Владимир Путинимæ. Номхыгъды афтæдæр сты Олег Дерипаска, «Роснефты» къухдариуæггæнæг Игорь Сечин, «ВТБ»-ы къухдариуæггæнæг Андрей Костин, «Газпромы» къухдариуæггæнæг Алексей Миллер, «Транснефты» къухдариуæггæнæг Николай Токарев æмæ банк «Россия»-ы диреткорты советы сæрдар Дмитрий Лебедев.
Афтæмæй, Стыр Британийы «Сау Номхыгъды» æдæппæт ис 65 уæнг, сæ нымæцы Уæрæсейы президент Владимир Путин, фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавров, Уæрæсейы минæвар Белорусы Борис Грызлов, Цæцæны лидер Рамзан Кадыров, Федерацийы советы уæнг, сенатор Андрей Клишас, Федерацийы советы сæрдар Валентина Матвиенко, æддагон рагысгарæг куысты къухдариуæггæнæг Сергей Нарышкин.