Стыр Британи æмæ Евроцæдис  Брекситы фæдыл æрныхас кодтой
Стыр Британи æмæ Евроцæдис Брекситы фæдыл æрныхас кодтой

Стыр Британи æмæ Евроцæдис  Брекситы фæдыл æрныхас кодтой.

Уый  тыххæй информацийы,  агентад  «Ройтер»   Евроцæдисы   дыууæ  минæварыл  æнцойæ ахæлиу кодта.

Афтæ ма,  информацийы  сбæлвырд кодта  бæстæйы премьер-министр Борис Джонсон.

«Диссаджы  ног  бадзырд нын ис, кæцы нын фæстæмæ æздахы контроль», –  ныффыста Британийы премьер-министр   микроблог  «Твиттеры».  Борис Джонсон   Брюссельмæ фæцæуæг ис,  цыран  17-18 октябры Брекситмæ гæсгæ, Евроцæдисы саммит  ацæудзæн.

Фарсыты æхсæн  разыдзинад  сбæлвырд кодтой Евроцæдисы дæр.

«Рæстаг æмæ рæстæмбис разыдзинад», – ныффыста  «Твиттеры»  Еврокамисы президент, Жан-Кълод Юнкер.