«Стыр Авды» фæсарæн хъуыддæгты министртæ – уыдон чидæриддæр Уæрæсейæн æххуыс кæнынц Украинайы ныхмæ хæсты, уæззау аргъ бафиддзысты уый тыххæй
«Стыр авды» фæсарæн хуъыддæгты министрты фидиуæнæй, зæгъгæ уыдон, чидæриддæр Уæрæсейæн Украинаимæ хæсты æххуыс кæнынц, уæзау аргъ бафиддзысты. Уый фæдыл дзырдæуы Японийы уагъд фембæлды фæстæ ист коммюникейы.
«Мах ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм нæ сидт æртыккаг фарсытæм, ныууадзæт Уæрæсейæн æххуыс кæнын хæсты, кæнæ та бафидæт уый тыххæй укæззау аргъ. Стынг кæндзыстæм нæ координацидзинад, цæмæй нæхи аиуварс кæнæм æмæ сдзуапп кæнæм æртыккаг фарсы æрдгæй Уæрæсейæн æхсæнгарзы алæвæрд æмæ адарддæр кæндзыстæм мадзæлттæ исын сæ ныхмæ, чидæриддæр материалонæй æххуыс кæны Уæрæсейæн», – банысангонд у «Стыр Авды» фæсарæн хъуыддæгты министрты иумæйаг фидиуæны.
Министртæ афтæма банысан кодтой, цæмæй Уæрæсейы æнæбæрнон атомон риторикæ æмæ йæ дзырдлæвæрд Белорусы атомон хæцæнгарзы сывæрыны фæдыл нæрайсгæ у.