Стыр Авд – Уæрæсейæ оккупацигонд горæт Бучайы æмæ Украинайы æндæр  горæтты, цæрджыты цагъд, æхсæнадæмон барады карздæр састæй фыст уыдзæн
Стыр Авд – Уæрæсейæ оккупацигонд горæт Бучайы æмæ Украинайы æндæр горæтты, цæрджыты цагъд, æхсæнадæмон барады карздæр састæй фыст уыдзæн

Хъизæмарæй  мард  адæймæгты  æбуалгъ кадртæ, марындзинæдтæ  æмæ сексуалон  тыхмидзинад  æвдисы  Украинайы   Уæрæсейы  карз  хæсты  реалон  уынд, –  уый фæдыл  банысангонд у  Стыр Авды  иумæйаг фидиуæны.

Фидиуæны банысангонд у, цæмæй  Уæрæсейы оккупацигонд горæт Бучайы  æмæ Украинайы  æндæр   горæтты  цæрджыты  цагъд,  æхсæнадæмон барады  иттæг  уæззау  састæй  фыст уыдзæн.

Стыр Авды  бæстæтæ  Уæрæсейы  æхсæнадæмон  барады  фидæны гæнæн   халыны фæдыл    фæдзæхсынц  æмæ  домынц  Уæрæсейы президентæй,   конфликты   зонæмæ бауадза    гуманитарон   æххуысы  къордты  куыст æмæ ацы  зонæйæ  адæймæгты эвакуаци.

Стыр Авды  бæстæтæ  цæттæдзинад æвдисынц, Украинайы  гарзджын тыхтæн финансон æмæ æфсæддон  техникæйæ  баххуыс кæнын.

Стыр Авд   дунейы    авд  акæнæг экономикæйæ  цы  хонынц,  уыцы  бæстæты  иугонд у.  Стыр Авды  сконды сты  Канада, Франц, Германи, Итали, Япони, Стыр Британи æмæ АИШ-æ.

Уæрæсе  ацы   иугондмæ  баиу ис  1998  азы, 2014 азы   Хъырымы анексийы  фæстæ та йæ  ацы скондæй феддæдуар кодтой.