Студенттæн æнæмæнг-æфсæддон бегара сæххæст кæныны фадат уыдзæн  ахуыры параллелонæй
Студенттæн æнæмæнг-æфсæддон бегара сæххæст кæныны фадат уыдзæн ахуыры параллелонæй

Гуырдзыстоны  премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы фидиуæнæй,  зæгъгæ, студенттæн уыдзæн  фадат  æнæмæнг-æфсæддон бегара арвитын  ахуыры параллелонæй.

Хицауады сæрдар куыд райхъусын кодта афтæмæй,  студенттæн  афæдзы мидæг иу мæйы дæргъы сæ бон уыдзæн бацæттæйы крус ацæуын  æфсæддон базæйыл.

«23 азы онг кары студенттæн, чи ахицæн кæндзæн,  æфсæддон  бегара сæххæст кæнын,   уыдзæн фадат, цыппар азы дæргъы, афæдзы мидæг иу мæй, бацæттæ къурс арвитын æфсæддон базæтыл. Цыппар  азы сæрыл, ацы  бацæттæйы бындурыл, йын  нымадмæ ист уыдзæн   æнæмæнг-æфсæддон  бегара», –  райхъусын кодта  премьер.