Структурон реформæты фæлгæтты, министрадты нымæц абон уæвæг 14-æй фæкаддæр уыдзæн 11 –ы онг
Хицауады плангонд стркутурон реформæты фæлгæтты, хицауады скондмæ бацæуæг министрадты нымæц абон уæвæг 14-æй фæкаддæр уыдзæн 11 –ы онг – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министртæм кандидат Мамука Бахтадзе райхъусын кодта.
Мамука Бахтадзе куыд загхта афтæмæй, æввахсдæр фидæны, Гуырдзыстоны парламент æууæнк хъуамæ расида ног хицауадæн æмæ йæ программæйæн, кæцыйы сæйраг принцип у, чысылнæмцон хицауады концепйци, кæцы йæ хъуыды дары æвзыгъд æмæ эффективон хицауадон струткурæтæ, фæкъаддæргонд хицауады ас æнæхъæнæй экономикæйы.
«Æз цы структурон реформæ бавдыстон уый фæлгæтты, хицауады с конды уæвæг министрадты нымæц, абон уæвæг 14-æй æрхиздзæн 11-ы онгю Ацы реформæ, кæцы у хицауадон программæйы хай æмæ æнæаргъæвгæйæ хъуамæ сæххæст уа, хъæуы йын закъондæттæн ивдтытæ, кæцыйæн та йæхиæрдгæй хъæуы æмбæлон рæстæгн æмæ процедурæтæ. Махæн æууæнк расидын закъонæй бæрæг æмгъуыдтæм, хъыгагæн не нтысы. Уый фæстиуæгæн иæсæм ахæм уавæр, сом парламенты раз æууæнкы райсынæн куы ралæудзыстæм, абон уæвæг хицауадон структурæимæ æмæ кабинеты уæнгты формалон скондæй, кæцыты хай ног кабинеты уæнг нал уыдзæн. Зæгъæн ис 2-3 къуырийы фæстæ, закъондæттæн ææ кадрон ивындзинæдтæ куы сæххæст уыдзысты, парламенты консультацитæ куы фæуыдзысты, ацы процедурæ, æркастыстæ комитетты, фракциты æмæ пленарон рабадтыл ногæй хъуамæ ацæуæм нырид ранæуæггонд министрты кбинетимæ иумæ» – расидтис Мамука Бахтадзе.
Афтæма, Мамука Бахтадзе абон конкретон уæнгты кой нæ ракодта æмæ æрмæст уый анысан кодта, ома хицауады цалдæр ног уæнг разындзæн зæгъгæ.