Страсбургы мэр, Роланд Рис цыппурсон æрмукъæйыл æхстыты схуыдта террористон актæй. Уый фæдыл мэр цъус рæстæг размæ уагъд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
«Знон цы æрцыд уый бæлвырдæй уыдис теракт, террористон лæбурды формæ, кæцыйæн йæ нысан у дзыллæйы æхсæн тас бауадзын» – райхъусын кодта Рис, кæцы ма бафтыдта, цæмæй фыдгæнæджы мотив зæгъгæ, кæронмæ бæрæг нæу.