Страсбургы мэр, цыппурсон æрмукъæйыл æхстытæ схуыдта терактæй

Страсбургы мэр, Роланд  Рис цыппурсон æрмукъæйыл æхстыты  схуыдта  террористон актæй.  Уый фæдыл  мэр  цъус рæстæг размæ   уагъд  пресс-конференцийыл   райхъусын кодта.

«Знон цы æрцыд  уый  бæлвырдæй  уыдис  теракт, террористон лæбурды  формæ, кæцыйæн  йæ нысан у  дзыллæйы æхсæн тас бауадзын» – райхъусын кодта  Рис, кæцы ма  бафтыдта, цæмæй  фыдгæнæджы  мотив зæгъгæ, кæронмæ  бæрæг нæу.