Стивен Даути – Дарчиашвили Ильяимæ ныхасы рæстæджы расидтæн тыхстдзинад æмбæстагон æхсæнадыл цæугæ æлхъывдады тыххæй, кæцы æмбæстæгты амбицитæ евроатлантикон фидæны фæдыл къуылымпы кæны.
Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ ныхасы рæстæджы расидтæн мæ тыхстдзинад æмбæстагон æхсæнадыл цæугæ æлхъывдады фæдыл, кæцы æмбæстæгты амбициты евроатлантикон фидæны фæдыл ныллæг кæны – уый фæдыл Стыр Британийы паддзахадон министр Стивен Даути социалон хызагы фыссы.
Даутыйы ныхасмæ гæсгæ, уый Илиа Дарчиашвилиимæ ныхас кодта Стыр Британи æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастыты æмæ Европæйы æдасдзинады фæдыл.
«Ивгъуыд къуыри, Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Илиа Дарчиашвилиимæ ныхас кодтон Стыр Британи æмæ Гуырдзыстоны æхсæн ахастытæ æмæ Европæйы æдасдзинады фæдыл. Стыр Британи хайад исы ОБСЕ/ODIHR цæстдарæн миссийы, цæмæй æххуыс кæна Гуырдзыстоны сæрибар æмæ рæстадон æвзæрстытæн.
Ныхасы рæстæджы æз равдыстон мæ арф тыхстдзинад æмбæстагон æхсæнадыл цæугæ æлхъывдады, адæймаджы барты уавæры æмæ антиныгуылæйнаг риторикæйы тыххæй. Ахæм архæйдтытæ къуылымпы кæнынц Гуырдзыстоны æмбæстæгты ирд амбици нырыккон, инклюзивон æхсæнады саразыны, евроатлантикон фидæнæн æмæ афтæдæр фарстайы бын æвæрынц Стыр Британи æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æнгом партнердзинад», – фыссы Стивен Даути социалон хызы.