Стив Хеддл – мæхи цæстæй федтон, Джордж Буш, Саакашвилийæн йæ риуыл йæ нгуылдз сæвæрдта æмæ йæ бафæдзæхста, Уæрæсе ма смæсты кодтаит
Стив Хеддл – мæхи цæстæй федтон, Джордж Буш, Саакашвилийæн йæ риуыл йæ нгуылдз сæвæрдта  æмæ йæ бафæдзæхста,   Уæрæсе  ма смæсты  кодтаит

Националон  æдасдзинады  фарстаты Джордж Бушы раздæры   уынаффæгæнæг  Стив  Хеддл  2008  азы  хæсты æмæ  хæсты размæ  Урс Хæдзары Джордж Буш æмæ Михеил Саакашвилийы  фембæлд æрымысыд.

Стив Хеддл  «Америкæйы хъæлæсимæ»   интервьюйы рæстæджы   хъусын кæны,   цæмæй  Уæрæсе   Саакашвилийы   провокацийыл  рацахсын архайдта  æмæ   тынг  нысаниуæгджын уыд  йæ æрсабыр кæнын, уымæн æмæ   ма  ракодтаит ахæм  архайд  кæцыйы  тыххæй  стæй  фæфæсмон кодтаит.

Афтæдæр йæ  ныхæстæм гæсгæ,  «ПрезидентБуш   дыууæ цыдæр саразын  бацархайдта  –  дырысæй  равдыста   Гуырдзыстонæн  æмæ  йæ  президентæн   пресоналон  фарсхæцынад,   афтæдæр   баамыдта йын,   ма  бавæлфардтаит Уæрæсейы провоцир кæнын,  уымæн æмæ Гуырдзыстон  Уæрæсейы интервенцийæн нæ бахъом уыдаит».

«Бушимæ  иумæ 2005 азы   уыдтæн Гуырдзыстоны. Диссаджы  бон уыдис,  тæлмæнгæнæг.  Мæ  зæрдыл лæууы   хæсты размæ  Саакашвилийы   визит Урс Хæдзармæ  æмæ Бушимæ фембæлд   овалон кабинеты.  Фембæлды  фæстæ   медийы  раз  президент Буш  Гуырдзыстоны хæдбардзинад æмæ суверенитетæн  фарсхæцынад   равдыста.  Медийы минæвæрттæ  кабинетæй  куы рацыдысты æмæ фембæлд   кæронмæ  куы æрхæццæ,   президент Буш,   Саакашвилимæ бацыд,   йæ риуыл  йыл  йæ нгуылдз  сæвæрдта  æмæ йын  загъта – Уæрæсейы ма смæсты  кæн,  нæ йын бахъом  уыдзынæ,  æз дæ  Уæрæсейæ  нæ баиргъæвдзынæн  географийы тыххæй,» – хъусын кæны  Стив Хеддл.