Статистикайы куыст - январ-октябры Гуырдзыстоны æдтаг базарады товарты здæхт 8,6 процентæй фæфылдæр ис
Националон статистикæйы куысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2025-æм азы январ-октябры Гуырдзыстоны æддагон базарады здæхт 20 831,5 милуан АИШ доллары бæрц уыд, кæцы, ивгъуыд азы, аналогион периодмæ абаргæйæ. 8,6 процентæй фылдæр у.
Уагдоны информацийæ, экспорт 5 835,9 милуан АИШ доллары бæрц уыд, 6,8 процентæй сырæздзæн, импорт та 14 995,7 милуан АИШ доллары – 9,3 процентæ.
Гуырдзыстоны æппæрццаг базарадон баланс 2025-æм азы январ-октябры уыд 9 159,8 милуан АИШ доллар, кæцы æттаг базарады зылды 44,0 процент у.
Уагдоны хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, 2025-æм азы январ-октябры, 10 ставд базарадон партнер бæстæйы хай Гуырдзыстоны иумæйаг æттаг базарадон зылды 68,4 процент уыд. Бæстæйы стырдæр базарадон партнертæ сты Турк — 2 536,2 милуан АИШ доллары, АИШ — 2 343,3 милуан АИШ доллары æмæ Уæрæсе — 2 145,9 милуан АИШ доллары.